Республикæйы коронавирусы, æхснырсæг æмæ гриппы ныхмæ арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ
Республикæйы коронавирусы инфекци, æхснырсæг æмæ гриппы ныхмæ арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой къамисты 'хсæн æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов. Ивгъуыд къуыри æхснырсæджы миниуджытимæ регионы медицинон куыстуæтты æххуыс бацагуырдтой 2 мин 172 адæймаджы. Дзуапдæттæг министр Тебиаты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ архайынц, цæмæй низтæ цæрджыты 'хсæн ма апарахат уой. Уый тыххæй цæуы санитарон амынддзинæдтимæ куыст. Æххæст кæнынц прививкæты кампани. Райдыдта 1-æм сентябрæй. Дыууæ къуыримæ гриппы ныхмæ привикæтæ скодтой 70 мин адæймаджы. Уыдонæй 27 мины 267 сты сывæллæттæ. Æмткæй райсгæйæ кампани аххæсдзæн 416 мин адæймагыл. Медицинон организациты ис æппæт уавæртæ æмæ хъæугæ ифтонгæрзтæ эпидемиологон уавæр куы февзæрдæр уа, уæдмæ. Æмбырды рæстæг ма хадзæгтæ скодтой ивгъуыд азæн. Фембæлды кæронбæттæн дзуапдæттæг куыстуæттæн радтой æмбæлгæ амындзинæдтæ низ ма руадзыны тыххæй.