Федерацийы советы бæстонæй ныхас цыд республикæйы фæндæгты уавæрыл
Федерацийы советы бæстонæй ныхас цыд республикæйы фæндæгты уавæрыл. Сергей Меняйло сенатортæн радзырдта федералон центры æххуысæй цавæр фарстатыл кусын хъæуы, уый. Дзырд цæуы Терчы сæрты хиды рацарæзтыл Мæздæг-Чермен-Дзæуджыхъæу фæндагыл, уыимæ "Джызæл-Хъæрмæдон-Дæргъæвс" фæндагыл. Сцæттæ кæнын хъæуы "Хохы Саниба - Хъæрмæдон" автомобилон фæндаг. Сæргълæууæг фæнысан кодта, туристты нымæц кæй рæзы æмæ уымæ гæсгæ хъæуы инфраструктурæ бæрзонддæр кæнын. Ныхас ма цыд ноджы иу ахсджиаг хъуыддагыл - Кавказы вагонцалцæггæнæн рагондæр заводтæй иу рацаразын æмæ бахъахъхъæнын. Ныридæгæн дзы цалцæг кæнынц зæронд хуызтæ, къаддæрæй къаддæр кæнынц. Цасдæр рæстæджы фæстæ та бынаты курдиæттæ нал исдзысты. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы ахъуыды кæнын куыстуаты цавæр ног здæхт ис байгом кæнæн, ууыл. Уымæн æмæ завод у нæ республикæйы историйы хай. Кондадон хъомысыл бафтауын æмæ куысты бынæттæ парахат кæнын. Ацы зындзинæдтæ регионæн алыг кæнын æнцон нæу. Федерацийы совет фарста йæ бæрны бакодта.