Дигорайы ацыд Бердиаты Солтаны номыл 10-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Дигорайы ацыд Бердиаты Солтаны номыл 10-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Архайдтой дзы 2012–æм – 2013–æм азты гуырд лæппутæ. Æдæппæтæй 200 спортсмены республикæйы районтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзаутæ райстой майдантæ, æхцайы премитæ. Лæвæрттæ бацæттæ кодтой Бердиаты Солтаны кæстæртæ - Бердиаты Вадим, Виталий æмæ Лорæ. Сæрмагонд призтæ райстой турниры æппæты кæстæр архайджытæ. Хицæн номинаци ма снысан кодтой "Хуыздæр техникæйы", "Уæлахизмæ тырнындзинады", "Спортуарзджыты зæрдæмæ æппæты тынгдæр чи фæцыд", уыдонæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 337 подписчиков
12+
9 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии