Нæ фыдæлтæй нæм баззад бирæ аив æгъдæуттæ. Уалдзæджы райдианимæ баст у Рæстæйы бæрæгбон
Нæ фыдæлтæй нæм баззад бирæ аив æгъдæуттæ. Уалдзæджы райдианимæ баст у Рæстæйы бæрæгбон. Ацы бон иу 15 аздзыд чызджытыл фыццаг хатт скодтой разгæмттæ, уæдæй фæстæмæ иу йæ бон уыд хъазтмæ рахизын. Уырдæм иу цыдысты æрмæст æфсымæр, æрвад, кæнæ хорз сыхæгтимæ. Æхсæнадон змæлд "Иудзинад"- ы хъæпæрисæй аивæй сæмбæлдысты ацы бæрæгбоныл. Сылгоймæгтæ бацæттæ кодтой бæркадджын фынг. Уыимæ нæ рагон хæринæгтæ. Зæгъæм, сир, æмыстæ, къæлуа, дзæрна. Дæсныйадæвдисæг ахуыр скодтой дзыкка цæттæ кæнынæй. Бæрæгбонмæ фæхуыдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студентты, хистæрты.