Донæй ифтонггæнæг куыстуаты специалисттæ кусынц Горькийы æмæ Щегрены уынгты тигъыл
Дзæуджыхъæуы дарддæр ивынц коммуналон хызтæ. Донæй ифтонггæнæг куыстуаты специалисттæ кусынц Горькийы æмæ Щегрены уынгты тигъыл. Бындуронæй ивынц дондзæуæны заууат лини. Ноябры дзы аиуварс кодтой егъау авари. Хæтæлтæ уыдысты ихсыд. Уымæ гæсгæ участок бахастой цалцæджы пъланмæ æмæ афтæмæй цæрджыты æнæкъуылымпыйæ баххæст кодтой донæй. Дарддæр кусджытæ бавналдзысты æндæр хаймæ, Горькийы уынгæй Лермонтовы æмæ Пушкинскийы уынгты онг.