Дзанайты Барис æмæ Сергей Обрывалин ныхас кодтой кусæг фембæлды
Цæгат Ирыстоны культурæйы къабазы райрæзтыл æмæ инфраструктурæйы рацарæзтыл кусæг фембæлды рæстæг Мæскуыйы ныхас кодтой Дзанайты Барис æмæ бæстæйы культурæйы министры хæдивæг Сергей Обрывалин. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй 2025-æй 2027-æм азмæ республикæ курдиæттæ балæвæрдта къорд объекттæ рацаразыны фæдыл. Ныхас цæуы бæхты театр "Нарты"-йæн концертон комплекс æмæ Мæздæджы сывæллæтты сфæлдыстадон скъолайы арæзтад, Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ирон театр, Чайковскийы номыл сывæллæтты музыкалон скъола æмæ сывæллæтты аивæдты скъолайы рацарæзт. Уымæй уæлдай, районты культурæйы хæдзæртты бындурон цалцæг æмæ арæзтад. Фембæлды рæстæг ма ныхас цыд чиныгдæттæ сног кæныныл. Афтæ, сæрмагонд программæмæ гæсгæ, республикæйы байгом кодтой 3 моделон чиныгдоны. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыст цæуы культурæйы галуантæ хъæугæ кусæнгæрзтæ сифтонг кæныныл дæр.