Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, стæй сæ бинонты суæгъд кодтой исбонады хъалоны фиддонтæй
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, стæй сæ бинонты суæгъд кодтой исбонады хъалоны фиддонтæй. Ныхас цæуы 2022-æм æмæ 2023-æм азты операцийы бынаты чи уыд, уыдоныл. Закъонмæ сæрмагонд ивддзинæдтæ бахастой Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ. Льготæйæ сæ бон спайда кæнын у куыд æфсæддонтæн сæхицæн, афтæ сæ бинойнæгтæн, стæй сæ сывæллæттæй 23 азы онг кæуыл цæуы æмæ комкоммæ хуызы чи ахуыр кæны, уыдонæн. Уыимæ ма 18 азы кæуыл нæма сæххæст æмæ йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæмтæн. Уый тыххæй хъæуы хъалонты службæмæ бацæуын курдиатимæ æмæ æмбæлгæ документтимæ. Уыдонмæ гæсгæ фиддонтæ ногæй банымайдзысты.