Сабийы райгуырдмæ чи 'нхъæлмæ кæсы, уыдонæн снысан кæнынц дыууæ фиддоны: иу дзы æвæстиатæй райсынц
Уæрæсейы социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад æххуыс кæны сывæллонджын бинонтæн. Сабийы райгуырдмæ чи 'нхъæлмæ кæсы, уыдонæн снысан кæнынц дыууæ фиддоны: иу дзы æвæстиатæй райсынц, иннæ — ноггуырды фæзынды хæдфæстæ. Ацы аз республикæйы ахæм финонсон æххуыс нысангонд æрцыд 2 мин сылгоймагæн. Фидæны ныййарджытæн раттынц 8 æмæ 'рдæгæй 17 мин сомы онг. Мадæлтæм та æмбæлы 27 мины чысыл цухæй. Капитал райсыны сертификаттæ сарæзтой мин æмæ 'рдæджы бæрц. Фыццаг сывæллонæн у 90 минæй чысыл фылдæр. Дыккагæн æм бафты 222 мин сомы. Ис сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнæн æмæ цоты ахуырæн бафидæн. Уымæй уæлдай, æрвылмæйон фиддоны хуызы исæн, у сывæллонæн фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц.