Арвыкомы фæндагыл Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъармгæнæн пункттæ сæвæрдта

Арвыкомы фæндагыл Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъармгæнæн пункттæ сæвæрдта. Райсомы 6 сахаты æмæ 15 минутæй арæн æппæт хæдтулгæнæт дæр æхгæд у. Уæ зæрдыл уын æрдæууын кæндзыстæм, регионы разамонæг Сергей Меняйло снысан кодта æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Знон уадзæн пункты уылты ацæуæн нæ уыд æрмæст уæзласæнтæн. Бæлццæттæ Уæллаг Ларсы цай бацымынц, хи батавынц æмæ сæ хæтæлтæ сифтонг кæнынц. Уæдæ Ирыстоны Хуссарварсимæ бастдзинады дæр къуылымпыдзинæдтæ ис. Буронæй Ручъы тъунелы онг уæззау хæдтулгæтæн цæуæн нæй дысоны 9 сахатæй. Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтмæй боныхъæд къуырийы кæронмæ нæ фæхуыздæр уыдзæн. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад цæрджытæм сиды, цæмæй сæ балцытæ нысан кæной æппæт уавæртæ хынцгæйæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 334 подписчика
12+
3 просмотра
год назад

, чтобы оставлять комментарии