Беслæны сывæллæтты 7-æм рæвдауæндоны полилингвалон къорды хъомылгæнинæгтæн сарæзтой рагон ирон хъæзт

Нарты фæткъуы хъахъхъæнын, бæрзонд хæхтæм схизын кæнæ дард балцы ацæуын. Сывæллæттæ сæ разамонæджы амынддзинæдтæ æххæст кæнынц. Æппæт архайд цæуы ирон æвзагыл. Уыимæ ма сабитæ се уæнгтæ дæр аивазынц. Ныртæккæ дæр сæхи цæттæ кæнынц нæртон дугъмæ. Уымæй уæлдай ма, чи тагъддæр, афтæ сывæллæтты хъуыд мæнæ ахæм хиды сæрты ахизын, донмæ дур баппарын. Уый фæстæ иумæйагæй арт скæнын, хи дзы батавын æмæ йæ алыварс Нарты гуыппырсарты тыххæй таурæгътæ радзурын. Таурæгъгæнæг - рæвдауæндоны хъомылгæнæг Дауиаты Таймураз. Алы сывæллонмæ дæр фæндаг ссарын хорз зоны æмæ куыд нæ? Йæ дæсныйадæн снывонд кодта 20 азæй фылдæр. Таймураз у Нарты Кадджытимæ баст равдыст бацæттæ кæныны хъæппæрис кæмæ разынд, уыдонæй иу. Æппæт хъæзтытæ дæр æрхъуыды кодтой хъомылгæнджытæ сæхæдæг. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй æнтыстджынæй æмархайд кæнынц районы рæвдауæндæтты хъомылгæнджытимæ. Равдыст сæвæрдтой къуыримæ. Сывæллæттæм мадæлон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ культурæмæ уарзондзинад рæзын кæнын. Æвдæм рæвдауæндоны уыцы хъуыддаг нымайынц сæйрагдæрыл. 2017-æм азæй нырмæ сабитимæ кусынц полилингвалон системæмæ гæсгæ. Сабитæ цымыдисæй кæй архайынц æппæт равдыстыты, уый ноджы тынгдæр разæнгард кæны хистæрты дæр. Хъомылгæнджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй тагъд рæстæджы бацæттæ кæндзысты ног, ирд æмæ, æнæмæнг, зæрдæмæдзæугæ программæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 335 подписчиков
12+
49 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии