Цæгат Ирыстон архайы Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы æппæтдунеон равдысты
Нæ республикæ архайы Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы æппæтдунеон равдысты. Къабазы раппæлинаг уавæртæ ахсджиаг мадзалы æвдисынц цæгатирыстойнаг 9 куыстуаты. Стенды уазджытæ виртуалон балцы руаджы Ирыстоны февзæрынц. Фенынц нæ рæсугъд æрдз æмæ æгъдæуттæ, ирон кæфтытæ, æрмдæсныты сфæлдыстад. Уымæй уæлдай, чъириты ад бавзарынц, разгæмттæ, кæнæ цухъхъаты сæ къамтæ сисынц. Ис малæвæрттæ æмæ туртæ рамбулыны фадат. Равдысты архайджытæ æмæ уазджытæ фембæлдзысты Уæрæсе, Турци, Араббаг Эмираттæ, Инди, Азербайджан, Непал, Вьетнам, Кубæ, Китайы туристон ассоциациты минæвæрттимæ — мин компанийæ фылдæр 36 бæстæйæ. Мидтуризм ахæм егъау равдыстыты архайды руаджы рæзы, "Туризм æмæ уазæгуарзондзинады" нацпроект куыд амоны, афтæ.