Москæйы хъæуы исынц киноныв

Кинонывы иунæг архайæг - зæронд Гаппо. Нырыккон царды авналæнтæ йæм зынды дæр не сты, разы нæу ног технологитимæ дæр. Сæйраг хъайтар йæ уарзон куыстæй фæхауд æмæ æцæгдзинадæй фæиуварс. Бавдæлд, æмæ Дыгургомы рохуаты цы хъæу баззад, уырдæм цæрынмæ ацыд. Роль ахъазыд Хъæцмæзты Лазарь, куыд зæгъы, афтæмæй ацы форматыл ахуыр нæу, кадры æнæ æмхъазæгæй фыццаг хатт архайы. Кæд дунейæ фæиуварс, уæддæр йæ бæллицыл йæ зæрдæ нæ ивы. Йæ царды йын æхцондзинад хæссы æрмæст астрономи. Æппынæдзух иртасы космос æмæ стъалытæ. Йæ архайд кæимæ адих кæна, ахæм æмдугоны агуры, фæлæ нырыккон фæлтæрæн æндæр хæзнатæ ис. Иу хатт зæронд лæг цæугæдоны ссардта роботы саст, сцалцæг æй кодта æмæ йын ныр æцæг хæлар фæзынд. Кинонывы хъуыды фæзынд Таматы Ассанмæ, фæлæ проект царды рауадзын къухы не фтыд. Феххуысын ис конкурсы архайд, рамбылдта грант Культурон хъæппæристы президентон фондæй. Уæд райдыдта бæстонæй цæттæ кæнын. Йæ фарсмæ сæмбырд кодта чысыл фæлæ тыхджын командæ. Сфæлдыстадон къорды алы архайæг дæр ныртæккæ цæры ацы проектæй. Уæлдай æргом здахынц лыстæгдзинæдтæм. Командæ бынатмæ сæмбæлы рагагъоммæ. Реквезиттæ хъуамæ æвдисой дæрддзæф хъæуы цард æмæ сæйраг хъайтары миддуне. Йæ хæдзар ын уæлдай бæстонæй æвзæрстой. Арæзтадыл 400 азæй фылдæр цæуы. Йæ рацарæзтæн бахъуыд бирæ тыхтæ æмæ рæстæг. Разæй нырма бирæ куыст ис. Киноныв исдзысты республикæйы алы районты. Ацы ныв Таматы Ассанæн у йæ фыццаг егъау куыст. Ныридæгæн ма архайы ног проекты сценарийыл дæр. Гæнæн, ис, æмæ хæстæгдæр рæстæг æрыгон, курдиатджын командæйы базондзысты Цæгат Ирыстонæй дарддæр дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
21 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии