23-æм майы уыдзæн фыццаг иумæйаг паддзахадон фæлварæн
23-æм майы уыдзæн фыццаг иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Ацы аз æй ратдзысты 2,5 мин рауагъдонмæ ввахс. Сæрдыгон каникулты та скъолаты байгом уыдзæн 159 лагеры. Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй сывæллон йæхæдæг æвзардзæн, кæцымæ цæуа, уый. Сæргълæууæг бабар кодта улæфæн бынæтты уавæр бæстонæй сбæрæг кæнын. Ныхас цыд "Хъæууон ахуыргæнджыты" программæйыл дæр. Йæ архайджытæ суыдзысты 10 адæймаджы. Æмбырды æргом аздæхтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ дæр. Доны куыстуат дыууæ стыр хæтæлы ауагъта Тарскæ, Комгæрон æмæ Сунжæмæ. Ныртæккæ кусынц Балтайы, ивынц дондзæуæнты 6,5 км. Уæдæ хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæгæнæн архайд дæр райдыдта.