1829-æм аз, Пушкин Дзæуджыхъæумæ ссыд. Уазал у
1829-æм аз, Пушкин Дзæуджыхъæумæ ссыд. Уазал у. Йе 'фцæгготыл схæцыд æмæ йæ худ дæлоз æруагъта. Галтæрæгыл дæр — нымæт. Цыртдзæвæн горæтæн балæвар кодта скульптор Соскъиты Владимир. Фидар бетъырбухаг аристократы зæрдæмæ фæцыд. Дыууæ æнусы размæ дзы йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уый, хъыгагæн, абон фенæн нал ис. Фæлæ æхсæвиуат кæм бакодта, уый бæрæг у. Ныртæккæ хицауады хæдзар кæм ис, уым раздæр уыд фысымуат. Номарæн фæйнæг уыцы цауæн — æвдисæн. Таубимæ алцыдæр цымыдис каст. XIX æнусы та æнæ интернет æмæ телеуынынадæй бынæттон хæрзфиппаинæгтæ æрмæст хи цæстæй фенæн уыд. Коменданты хæдзары дæр æй бафысым кодтой, фæлæ уый дæр сахары картæйы абон нал ссардзынæ. Пушкин федта фидар Дзæуджыхъæу. Уый та уыд Церетелийы уынгæй Музейон фæрсуынджы уылты Сабырдзинады проспекты онг. Дыууæбойнон уазæгуаты æрцыдæн документалон æвдисæнтæ бирæ нæй. Фæлæ цауты тыххæй Пушкин æрфыста йæ боныджы, стæй "балц Арзруммæ"-йы. Уырдæм цæугæ-цæуын æрбахауд фыссæг Дзæуджыхъæумæ дæр. Уæд Терк донхъæздыг уыд, Сергейы фырт Алыксандр та номдзыд нæма уыд. Бетъырбухæй Кавказмæ цыд Арвыкомы фæндагыл. XIX æнусы Арвыкомы фæндыджы райдиан уыд Екатеринограды. Абон хуыйны станицæ Екатериноградская æмæ ис Кæсæг-Балхъары. Фæстæмæ здæхгæйæ дæр Пушкин Дзæуджыхъæуы æрлæууыд ногæй. Кавказы тыххæй мысингтæ та йæ уацмысты æнустæм æрцардысты. "Кавказ ис мæ быны. Бæрзонд хохæн æз фæлгæсын фæйнæрдæм йæ митæмбæрзт тигъæй... Уым комы æмбæхсы мæгуыр хæххон барæг, Уым азæлы Теркæн йæ мæстæлгъæд зарæг".