Мæздæджы районы Луковская станицæйы байгом æхсыры продукци уадзæн завод
Мæздæджы районы Луковская станицæйы байгом æхсыры продукци уадзæн завод. Куыстуат байгом кæныны фæдыл кадджын мадзалы архайдта республикæйы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий, хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь. Куыстуат у хъомысджын. Сахатмæ кусдзысты 5 тоннæйы æхсырыл. Хомаг исдзысты бынæттон фермертæй. Завод ифтонггонд у бæстæйы уагъд нырыккон кусæнгæрзтæй. Фæзынд дзы 30 куысты бынаты.