Фарныхъæуккаг Дауыраты Виталий Сæрмагонд æфсддон операцийы бынатмæ аласта ссæдзæм гуманитарон æххуыс

Раст рæнхъытæ, итувæрд дарæс, фидар æмæ ныфсджын цæстæнгас. Ацы цаумæ скъоладзаутæй алчидæр йæхи зæрдиагæй цæттæ кодта. Абон ард бахордтой, Фыдыбæстæн аккаг хъæбултæ кæй уыдзысты. Уый сын хуымæтæг ныхæсты хæрх нæу, фæлæ сомы æмæ сомыйæн та фæсайæн нæй. Æхсар æмæ лæгдзинад цы у, уый та сабибонтæй фæстæмæ зонынц. Ирыстон йæ хъæбатыр фыдæлты нæмттæ нæ рох кæны. Дæнцæг кæмæй исæм, уый дæр нын ис. Фæндзæм къласы ахуырдзау Кæркуысты Дамирыл абон ахсджиаг хæс ис. Æвзонг æфсæддонты къорды командирæй йæ снысан кодтой. Уæлахизы 80 азмæ хъæуы бæстастæу меценат Дауыраты Виталий сæвæрдта стыр экран. Уын æхсæвæй-бонæй æвдисы уæлахизхæссæг фæлтæры сгуыхтдзинæдты тыххæй æрмæджытæ. Сарæзтой концерт дæр. Сабитæ зарыдысты зындгонд артисттимæ иумæ. Æдæппæтæй "Юнармия"-йы рæнхъытæм райстой Фарныхъæуы скъолайы 27 ахуыргæнинаджы. Æппæт хæрдзтæ, сæрмагонд дарæсæй райдайгæйæ, йæхимæ райста меценат Дауыраты Виталий. Нæ рох кæны ныртæккæ гæрзифтонгæй Фыдыбæстæйы сæраппонд чи тох кæны, уыцы фæсивæды дæр. Уыдон бæрæгбон æнæ лæвæрттæй нæ арвитдзысты. Æртæ стыр уæзласæн хæдтулгæйы цы фæллой бацыд, уый у 10 милуан сомы аргъæн. Виталий гуманитарон æххуысимæ тохы бынатмæ ныр 20-æм хатт цæуы. Плиты Иссæйы номыл полчъы æфсæддонтæн бахæццæ кæндзæн 4 хæдтулгæйы, 8 мотоциклы, 10 генераторы. Уыдонæй уæлдай: дон, уæлæдарæс, адджинæгтæ, чъиритæ. Дауыры-фырт иу æмæ дыууæ хатты нæ федта йæхи цæстæй, лæппутæ райгуырæн бæстæй æрвыстæгтыл куыд бацин кæнынц, уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фарныхъæуккаг лæппутæ бирæ ис. Фæхæццæ сæм уыдзысты се 'мхъæуккаг сабиты фыстæджытæ дæр. Æмæ та сæм размæ бырсынмæ æмæ хъæумæ сæрæгасæй сыздæхынмæ ног тыхтæ фæзындзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 332 подписчика
12+
6 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии