Дзусаты Зарæ ныр 20 азы дæргъы кусы электромонтер-контролерæй Æрыдоны районы
Къæвда, мит æмæ æмбисбоны æнтæфы — цыппæрæм разряды электромонтер Дзусаты Зарæйы къуырисæрæй майрæмбонмæ кæд сæдæгай хæдзæрттыл бахъæуы æрзилын, уæддæр йæ дæсныйадыл зæрдæ нæ ивы. Бæрнон хæстæ æвæрд ис специалистыл. Ифтонггæрзтæм æркаст æмæ цæстдард лæмбынæг уæвын домы, фæлæ сылгоймаг уымæй нæ тæрсы. Дзусаты Зарæ финансон техникум фæци каст, раздæр йæ куыст нымæцтимæ баст уыд. Фæлæ йæ чындзыцыды фæстæ йæ дæсныйад аивын бафæндыд. Равзæрст ног куыст ахæм бæзгæ разынд, æмæ дзы ныр 20 азы дæргъы фæллой кæны. Электромонтер-контроллер нæлгоймаджы дæсныйад у, — нымайынц иутæ. Фæлæ сæ хъуыды раст кæй нæу, уымæн æвдисæн Дзусаты Зарæ. Æрыдойнаг сылгоймаг йæ æнæхин фæллойы тыххæй республикæйы сæргълæууæгæй арфæйы гæххæтт дæр райста.