Цæгат Ирыстоны 62 фермерон хæдзарады ацы аз райстой грант «Агростартап»
Цæгат Ирыстоны 62 фермерон хæдзарады ацы аз райстой грант «Агростартап». 132 милуан сомæй фылдæр радих кодтой зæххы хæйттæ, стурвос, тауинæгтæ, техникæ самал кæнынæн æмæ кондадæн арæзтадон бæстыхæйтты арæзтадæн. Уый къухы бафтыд "Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады субъектты акселераци"-йы программæ "Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадæн æххуысы" нацпроекты 'руаджы. Республикæ райста 214 милуан сомы. Æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды сси фыццаг фæрæзтæ райсыны бæрцæй. Ацы аз конкурсы æвзæрстыты архайдтой 150 адæймаджы. Бирæ курдиæттæ райстой æрыгон адæмæй - ис сын ног нырыккон цæстæнгас бизесы архайынмæ. Хъæууон хæдзарад у республикæйы парахатдæр æмæ æнтыстджындæр къабæзтæй иу: ивгъуыд аз нæ фермертæ хоры æмæ хъæдургъуызты тыллæг систой 850 тоннæйы, халсарты бæркад та рауад 27 мин тоннæйы чысыл цухæй.