Ацы азы райдианæй 116 млрд сомæй зиан æрхастой киберфыдракæндтæ
Афæдзы райдианæй Уæрæсейы цы киберфыдракæндтæ æрцыд, уыдон зиан æрхастой 116 млрд сомæй фылдæр. Цæстфæлдахджытæ асайынц куыд хуымæтæг, афтæ юридикон бæрнондзинадимæ адæмы дæр. Уыимæ паддзахадон структурæты. Уый тыххæй хъусын кæны информацион агентад ТАСС бæстæйы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцевы информацийыл æнцайгæйæ. Фæстаг 5 азмæ ахæм цауты нымæц фæфылдæр дыууæ хатты. Ныры дуджы алы дыккаг фыдракæнд дæр арæзт æрцæуы киберфæзуаты. Уыимæ, министр фæнысан кодта, ведомствойы кæй архайынц сæрмагонд дæлхайæдтæ, IT-технологиты къабазы фыдракæндтимæ чи тох кæны, ахæмтæ. Стыр æргом здæхт цæуы кадртæм. Ныртæккæ сæрмагонд ахуырадон программæтæм гæсгæ чи ахуыр кæны, уыдоны нымæц у 1 мин курсантæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма ацы аз центрон аппаратон æмæ территориалон оргæнты кусджытæй сæ фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кодтой 750 адæймаджы.