РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ
Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Сæхи æмæ æхсæнадон фарстаты фæдыл æрбацыдысты 11 адæймаджы. Фембæлды архайдтой хицауады сæрдары хæдивджытæ, дзуапдæттæг министртæ æмæ районты разамонджытæ. Дур-Дуры цæрæг Гæматы Барисы фæнды, цæмæй сын сæ хъæуы саразой спортивон зал. Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ фарста аиуварс кæныныл куыст цæуы. «Хъæуты территориты комплексон райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты спортивон зал 50 адæймагæн аразын райдайдзысты. Проектмæ гæсгæ дзы уыдзæн цалдæр залы, санитарон бæстыхæйттæ, медицинон æххуысы æмæ тренерты кабинеттæ. Кæрдзыны хъæуы цæрæг Гæдзацаты Фатимæйы курдиат дæр æнæ дзуаппæй нæ баззад. Фидæны азы уалдзæджы паддзахадон программæйы фæрцы сцалцæг кæндзысты бынæттон скъола. Уымæй уæлдай ма Дзгойты Изаурæйы курдиатмæ гæсгæ, 2025-æм азы бындуронæй рацараздзысты Рамоновойы скъола. Сергей Меняйло цы фарстатæ райста, уыдонмæ гæсгæ радта æмбæлгæ амынддзинæдтæ - Змейкæйы станицæйы фæндаджы хай Цыколайы та тротуар сцалцæг кæнын, æхсæнадон бынат Цоколайы фырты номыл æмæ Гæдиаты Цомахъы уынджы фæндаджы уаццаг снывыл кæнын. Æмбырды рæстæг алкæмæ дæр байхъуыстой, дзуапдæттæг министрадтæн бахæс кодтой фарстатæм æргом аздахын.