Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Аслæнбеджы номыл уæгъдибар хъæбысхæсты академийы хъæбысæйхæцджытæн сæхи цæттæ
Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Аслæнбеджы номыл уæгъдибар хъæбысхæсты академийы хъæбысæйхæцджытæн сæхи цæттæ кæнынмæ æппæт уавæртæ дæр ис. Ныртæккæ дзы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы иугонд командæ цæттæ кæны. 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богæлтты 'хсæн нæ бæстæйы номæй ахсджиаг ерысты чи архайдзæн, уыдонæй иу Доййаты Арслан. Æвзарæн къæпхæны равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Уæрæсейы чемпионаты лæппу сси бронзæ майданы хицау. Ныртæккæ дæр йæхиуыл бæстонæй кусы. Куыд радзырдта, афтæмæй хæдзары хи цæттæ кæнын бирæ æхсызгондæр у. Гауызмæ рахиздзысты 40 спортсмены, командæйы хыгъдмæ не 'мзæххонтæй бахастой æртæйы. Æвзарæн къæпхæн, ома Уæрæсейы ерыстæ мæй размæ ацыдысты Уфа æмæ Башкирийы. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ, бæстæйы алы регионтæй равзæрстой хуыздæр богæлтты. Хæстæгдæр рæстæг Уæрæсейы кад хъахъхъæндзысты Европæйы æмæ Дунейы чемпионатты. Тренер Ниаколай Монов куыд радзырдта, афтæмæй спортсментæ тырнынц æрмæст уæлахизтæм. Тренировкæты программæ хъæздыг рауад. Æмбырдтæ ахæсдзысты ацы къуырийы кæронмæ. Алы спортсмен дæр йæхиуыл бæстон кусы, тырнынц æрмæст раззагдæр бынæттæм. Зæрдæ дарæм, дунеон чемпионаты уæлахиздзатуы 'хсæн ирон богæлтты нæмттæ кæй фехъусдзыстæм, ууыл.