Буллёзный эпидермолиз кæмæ ис, уыцы сывæллæттæ ног терапи цæуын райдыдтой
Хъæдгæмттæ хосæй байсæрдын, стæй сæ бинтæй бабæттын. Сæ уавæрмæ сын лæмбынæг хъуамæ уай, чысыл ивддзинад дæр ахсджиаг у. Æмæ афтæ æрвылрайсом. Дыууæ бон иу хатт та йæ буар æгасæй дæр стухы Манисæйæн йæ мад. Æндæр гæнæн нæй. Кæннод цыфæнды баныдзæвдæй дæр сабийы царм астыхсдзæн. "Буллезный эпидермолиз" — ацы низимæ бинонтæ тох кæнынц ныр 9 азы. Фонды æххуысæй сывæллонæн скодтой операци йæ ласæггагыл, йæ иу къухæнгуылдзты хæлуртæ йын айстой. Ныр бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц иннæ къухыл операцимæ. Бинонтæ сæхимæ нæ ныхъхъуыстой, уый бæсты сывæллонæн аккаг уавæртæ аразыныл архайынц. Рæвдауæндонмæ цæуæн нæ уыд Манисæйæн, фæлæ йын æдасæй хъазынмæ хæдзары æппæт уавæртæ дæр сарæзтой. Скъолайы дæр ахуыр кæны, фылдæр фæсаууонмæ. Математикæ æмæ литературæ йæ уарзон предметтæ сты. Сывæллæтты фыццæгæм поликлиникæйы æнæдзæбæхгæнгæ низты хайады Манисæ хионæй уæлдай нæу. Ам чызджы уавæрмæ цæст дарынц йæ райгуырдæй фæстæмæ. Инновацион препарат "Виджувек"-ыл тынг бацин кодтой. Бинонтæ æмæ дохтыртæ дæр фæныфсджын сты. Гел(ь)æн цармы чырæгтыл молекулярон ахадындзинад ис, æххуыс у æвдæм типы коллаген аразынхъом каркас сæндидзын кæнынæн. Хъæдгæмттæн дзы сæхи хъæуы сæрдын, фыццаг уал æрвылкъуыри, дарддæр 2-3 къуыри иу хатт. Уæд, гæнæн ис, æмæ байгас уой. Манисæйæн хус климæты йæ хъæдгæмттæ хуыздæр дзæбæх кæнынц. Сæ зындзинады иунæг не сты бинонтæ, æппынæдзух сæ фарсмæ æрбалæууынц хæларзæрдæ адæм. Æххуыс сын кæны фонд "Круг добра". 400 млн сомæй фылдæр рахай кодтой стæм низтимæ сывæллæттæн. Цæгат Ирыстоны сты 53. Алкæмæ дæр — сæрмагонд цæстдард. "Буллезный эпидермолиз" æрмæст Манизæмæ ис. Ног препараты руаджы йæ рыстытæ æмæ зындзинæдтæй фервæздзæн саби.