Добавить
Уведомления

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æрвылкуырион аппаратон æмбырд

Цæгат Ирыстоны сывæллæтты цыппар рæвдауæндоны сæхгæдтой карантины. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, эпидемиологон уавæр сабыр у. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатыл. Специалисттæ сæвæрдтой 2 мин 800 дон нымайæн гарзы. Райстой сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæ æмæ æххуысцух адæм. Снысан ма кодтой цæхæрадæтты æмхæларадтæ газæй сифтонг кæныны пълан-график дæр. Ныртæккæ курдиæттæ балæвæрдтой "Горянка", "Локомотив", Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы "Дружбæ"-тæ. Сæргълæууæг ма йе 'ргом аздæхта хъармгæнæн сезоны цыдмæ. Райдыдта ма сывæллæтты чемпионат "Мастерята"-йы фæлварæн къæпхæн. Ацæудзæн 10 фæзыл, 14 здæхтмæ гæсгæ. Сергей Меняйло бахæс кодта фæзылдтыты хыгъд фæуæрхдæр кæнын æмæ сæм "Профессионалитет"-ы архайджыты баиу кæнын, куыд эксперттæ та сын уыдзысты астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты студенттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 304 подписчика
12+
9 просмотров
5 дней назад

, чтобы оставлять комментарии