Икъаты Луизæ фелсырæй кусы Хохы Санибайы
Туджы æлхъывдад сбарын, хостæ рафыссын æмæ хъæугæ æххуыс бакæнынмæ фелсыр кæдфæндыдæр цæттæ у, зæгъы Багаты Эльмæ. Сылгоймаг йæ сæры хицауимæ арæх вæййынц Хохы Санибайы. Ног климæтыл уайтагъд нæ сахуыр вæййынц. Уымæ гæсгæ Икъаты Луизæмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Фелсырон-акушерон пункты кусы æртæ мæйы. Ардæм æрбацыд программæ "Земский доктор"-мæ гæсгæ. Луизæ йæ дæсныйады тыххæй æхсызгонæй дзуры. Фæлæ, дзырдæн, чызгæн йæ фыццаг дæсныйад та у педагог-психолог. Æртæ сывæллоны мад, сфæнд кодта йæ бæллиц сæххæст кæнын. Каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон колледж, "фелсыр" здæхтмæ гæсгæ. Ныр йæ дæсныйадæн удуæлдай лæггад кæны, не 'вгъау кæны йæ тыхтæ. Фелсырон-акушерон пункты агъоммæ куыста тагъд медицинон æххуысы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йæм уыцы рæстæг тынг фæкастысты йе 'мкусджытæ. Уыдон ын не 'вгъау кодтой сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Абон сæ сылгоймаг у бузныг. Се 'руаджы фæныфсджындæр. Хуымæтæг æркастæй уæлдай, бахъуаджы рæстæг йæ бон у æнхъæлцау сылгоймæгтæн сæрмагонд амынддзинæдтæ радтын. Уыимæ, сывæллæттæм лæмбынæг æркæсын, пациенттæн скæнын ЭКГ, сæвæрны капельницæ, иртæстытæн туг сисын. Цыбыр рæстæгмæ медик фæндаг ссардта адæмы зæрдæтæм. Пациенттæ дæр æй бауарзтой. Стационарон æркастæй уæлдай, сылгоймаг бахъуаджы рæстæг ацæуы хæдзармæ дæр. Фæлæ ам сæмбæлы къуылымпыдзинæдтимæ дæр. Медицинон кусæндоны хæдтулгæ кæй нæй, уымæ гæсгæ афоныл нæ фæхæццæ вæййы цæрджытæм. Уымæ гæсгæ æвæстиатæй нæ баххуыс кæны рынчынæн. Адæймаг уарзон хъуыддаг куы ссары, уæд иу бон дæр нæ фæкусы. Афтæ рауад Икъаты Луизæйæн дæр. Уыцы æнтыстдзинæдтыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Дарддæр дæр фæнд кæны йæхиуыл архайын æмæ рæзын.