Октябрьскæйы арæзт æрцыд ирон чъириты фестиваль-конкурс

Æфсинтæ балæууыдысты пецты цур æмæ сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц. Абон дæснытæй равзардзысты хуыздæры. Чъиритæ ракæнын æнцон хъуыддаг нæу. Хъуамæ уой тæнæгцъар æмæ дзадджын. Сæйрагдæр та сыгъдæг хъуыдытимæ конд. Боцуаты Зæлинæ конкурсы дыккаг аз архайы. Æхсызгон ын у, ахæм мадзæлтты фæрцы нæ традицитæ кæй хъахъхъæнæм, уый. Чъиритæ бакастæй кæд иухуызон сты, уæддæр алы æфсинæн дæр къæбæр кæнгæйæ ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Абон республикæйы 7 районы æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ ерыс кæнынц сакралон хойраг хæрзаддæр чи скæндзæн, ууыл. Аргъ та сын кæнынц жюрийы уæнгтæ - Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы минæвæрттæ. Бæрæгбоны уазджытæн ма фадат уыд нæ рагфыдæлты цардыуаг фенынæн. Фæзтыл апарахат сты алыхуызон æрмадзтæ: цыллæ кæлмæрзæн бийыны, гыкъынатæ цæттæ кæныны, къахдарæс хуыйыны, хæдзары дзауматæ æлыгæй кæныны æмæ æндæртæ. Хистæрæй кæстæрмæ дзы алчидæр йæхицæн ссардта зæрдæмæдзæугæ архайд. Сабитæ ма сæхи фæлыæрдтой ирон рагон хъæзтыты дæр. Бæрæгбоны концертон программæ рауад хъæздыг æмæ алывæрсыг. Районты культурæйы хæдзæртты сфæлдыстадон къордтæ бацæттæ кодтой сценикон номыртæ. Республикæйы зындгонд заррæгæнджытæ дæр уазджыты сбуц кодтой. Мадзал аразджытæ конкурсы уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Абон хуыздæртыл банымадтой Боцуаты Зæлинæйы æмæ Дзукъаты Иннæйы. Дыккаг бынат саккаг кодтой Соскъиты Галинæйæн. Æртыккаг та ссис Луиза Ларсанова. Ахæм мадзæлттæ, æнæмæнг, хъæугæ сты. Уæлдайдæр та кæстæрты хъомыладæн. Афтæмæй, сæ хистæртæ ахуыр кæнынц ирон адæмы культурæ æм æгъдæуттыл, цæмæй фидæны нæ традицитæ æмæ нæ фыдæлты царды архайд рох ма æрцæуой.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
27 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии