Спорты галуан "Манеж"-ы ацыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй
Спорты галуан "Манеж"-ы ацыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæрмагондæй йæ сарæзтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азмæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл. Ерыстæм фæсивæд ссыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæй 18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæмтæ. Æдæппæтæй 250 адæймаджы. Уæзты алы категориты, æппæтæй фылдæр - 125 киллограммы. Ерыстæ сты æвзарæнтæ Уæрæсейы чемпионатмæ. Арæзт æрцæудзæн июны кæрон Мæскуыйы. Мадзал аразджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты тыхджын спортсментæ, уымæ гæсгæ ныхмæлæудтытæ сты тынг цымыдисаг.