Хъæдгæроны сбæрæг кодтой хъæуы равзæрды 200 азы бон

Хъæдгæроны истори райдыдта 1824-æм азы. Фыццаг хъæу арæзт уыд дыууæ хайæ. Фæстæдæр сæ куы баиу кодтой, уæд хъæуæн йæ баныт ивд æрцыд. Уæдæй нырмæ Хъæдгæроны схъомыл бирæ курдиатджын æмæ зындгонд адæм, Цæгат Ирыстоны райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, ахæмтæ. Советон Цæдисы хъæбатыртæ, инæлартæ, поэттæ, ахуыргæндтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Хъæдгæронæй фронтмæ ацыдысты 1 мин адæймагæй фылдæр. Куыд алы хъæуы, афтæ Хъæдгæроны цæрджытæ дæр кæрæдзийы хорз зонынц, аргъ кæнынц. Уымæ гæсгæ сæ бæрæгбоныл дæр иу бинонтау цин кæнынц. Сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Культурæйы хæдзары цур. Сæдæгай адæм рацыдысты фæзмæ, цæмæй сбæрæг кæной хъæуы 200 азы. Се 'ппæт мадзæлттæ дæр цæттæ кодтой иумæйагæй. Иутæ архайдтой бæрæгбоны фынгтыл, иннæтæ та концертон программæйыл. Алкæйы дæр фæныдыд историон цауы бацархайын. Дриаты Еленæ ныр 30 азы кусы бынæттон хъæууон-хæдзарадон куыстуаты. Уыд Хъæдгæроны бынæттон хиуынаффæйады депутат дæр. Хъæдгæронæн райдыдта йæ историйы æртыккаг æнус. Сæ хистæрты фарн та дарддæр хæццæ кæндзысты кæстæртæ. Бæрæгбоны мадзалы ма "Æрыдоны районы кадджын цæрæджы" ном райстой алы къабæзты сгуыздзинæдтæ чи равдыста, уыдон.

Иконка канала IRYSTONTV
1 338 подписчиков
12+
34 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии