Республикон клиникон рынчындоны кæнынц синыстджыты реконструкцийы операци

Синыстæгыл операци хæссы фондз сахаты бæрц. Уавæр се 'нцонтæй нæу. Уæраджы æрхæджы онг цæуæг стæгимæ кæм иу кæны, уым асаст. Нæлгоймаг аварийы бахауд. Раздæр-иу нæ дохтыртæ ахæм рынчынты федералон центртæм арвыстой. Уыдоны та ахæм рад ис, æмæ дæм афæдзмæ дæр не 'рхаудзæн операцигæнæн стъол. Ныртæккæ дæймаджы йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ бавналынц нæхи дохтыртæ. Æххуыс сын кæны медицинон зонæдты доктор, Уæрæсейы æнæсцух профессионалон ахуырады медицинон академийы травмотологи æмæ ортопедийы профессор Елена Литвина. Нæ дохтырты архайдмæ цæст дарынц Кæсæг æмæ Стъараполы дæр. Буары формæ æмæ сконд бахъахъхъæнгæйæ, синыстæг сдзæбæх кæнынц. Адæймаг æнæкуыстхъом цардæй аирвæзы, уый фæстæ сабыргай йæ раздæры архайдон уавæртæ сног кæны. Састы бынатмæ уал цалдæр бавналæны сарæзтой, дарддæр нæлгоймаджы æрзылдтой. Синыл бирæ дадзинтæ æмæ нуæрттæ ис. Æгæр бирæ туг ма фесафыны тыххæй пайда кæнынц сæрмагонд ифтонггазæй. Æртыккаг къæпхæны травмæты центр регионы иунæг у, кусы Республикон клиникон рынчындоны бындурыл. Ардæм æрбаласынц уыцы иу рæстæг цалдæр стæгсаст æмæ цæфы чм фæвæййы, уыдоны дæр, зæгъæм, фæндаггон фыдбылызы, кæнæ бæрзондæй рахауыны фæстæ. Мæскуыйаг специалисты разамындæй нæ дохтыртæ скодтой æртæ уæззау операцийы синыстæгыл, æртæ дæр — ацы аз. Сæстыты кой æмткæй куы кæнæм, уæд синыстæджы ахæм цæфтæ вæййынц 35% æппæт цауты 'хсæн. Фæндаггон фыдбылызтимæ баст уавæрмæ куы æркæсæм, уæд уым бæрæггæнæн фæфылдæр 50% онг. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй синысджыты саст нымад у тæккæ уæззаудæр хъæдгæмттæй иуыл. Æстæсаздзыд Биазырты Сæрмæт операцийы фæстæ дыккаг бон сыстад æмæ ма рацу-бацу дæр кæны. Састы фæстæ стæджы хæйттæ баиу кæнынц пластинæты фæрцы. Ууыл Цæгат Ирыстоны специалистты сахуыр кодтой сæрмагонд курсыты Мæскуыйы. Синысджыты реконструкцийы операци ныридæгæн хыгъдмæ бахастой, дарддæр æй кæндзысты сæхæдæг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 335 подписчиков
12+
7 просмотров
год назад

, чтобы оставлять комментарии