Сергей Меняйло видео-конференцийы 'руаджы архайдта Сæрмагонд æфсæддон операцийы уавæрты Уæрæсейы
Сергей Меняйло видео-конференцийы 'руаджы архайдта Сæрмагонд æфсæддон операцийы уавæрты Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхты райрæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Амыдта йæ бæстæйы Президент Владимир Путин. Æмбырды сæйраг фарстаты 'хсæн Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты цæттæдзинад фæхъæддых кæнын. Федералон æмæ регионалон хицауады оргæнты размæ бæстæйы разамонæг сæвæрдта хæстæ - иумæйаг архайды фæрцы Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхтæн бацæттæ кæнын сæрмагонд ахуыртæ чи ацыд, ахæм æфсæддонты. Сифтонг сæ кæнын æппæт хъæугæ кусæнгрæзтæй. Æфсæддонты цæттæдзинадæй аразгæ уыдзæн сæ размæ æвæрд хæстæ куыд æххæстгонд цæудзысты, уый. Æнтыстджын уæвынæн хъæуы хæстон ахуырты хæрзхъæдзинад фæбæрзонддæр кæнын. Æмбæлгæ мадзæлттæ бацæттæ кæнын бæстæйы ног регионты дæр.