Дзæуджыхъæуы райдыдта дæсæм æппæтадæмон наукон-практикон конференци
Полилингвалон ахуырад куыд æвзаджы хæзнатæ æмæ адæмты культурон хицæндзинæдтæ бахъахъхъæныны бындур. Дзæуджыхъæуы райдыдта дæсæм æппæтадæмон наукон-практикон конференци. Йæ архайджыты 'хсæн 60 педагогы Цæгат Ирыстоны районтæй. Сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ æмæ райдиан кълæсты ахуыргæнджытæ. Фембæлдмæ саккаг кодтой рухстауыны къабазы минæвæрттæ Цæцæны республикæйæ, Башкортостанæй, Кæсæг-Балхъарæй. Мадзал ахæсдзæн дыууæ боны. Фыццаг бон куыст цыд секцитæм гæсгæ сæрмагонд фæзтыл. Ныхас кодтой Уæрæсейы адæмты æвзæгтæ бахъахъхъæныны фарстатыл æмæ скъолайы агъоммæ ахуырады поликультурон æмæ полилингвалон технологиты райрæзтыл. Абон та педагогтæ баххæст кæндзысты практикон хай. Бынаты фендзысты регионы скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты алы æвзæгтыл ахуыртæ куыд амонынц, уый. Цæгат Ирыстон ацы хъуыддаджы раззагдæртæй иу у.