Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы. Æрбахуыдтой ныййарджыты
Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн республикæйы къуырийы дæргъы цы мадзæлттæ аразынц, уыдонæй иу ацыд Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы. Æрбахуыдтой ныййарджыты. Бæрæгбоны кадджын уазæг — æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы æвзæрст лæг Туаты Алан. Фæсивæдæн амыдта ирон фынджы æгъдæуттæ. Ахуырдзаутæ та радон хатт зæрдыл æрлæууын кодтой не 'взаджы бындуртæ, нæ герб æмæ тырысайы нысаниуæг. Кæстæркъласонтæ кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты, цагътой музыкалон инструменттыл, кафыдысты. Хицæнæй фæнысан кодтой Стыр Уæлахизы 80 аз. Бакастысты нæ хæстон фысджыты уацмыстæ.